08.10-16.10 2018 азы прогимнази бœрœг кодта ирон литературœйы бындурœвœрœг Хетœгкаты Къостайы гуырœнбонмœ арœзт къуыри.

Фыццаг къласы ахуырдзауты уыдысты уазœгуаты скъолайы библиотекœйы. Уыдон фœуœрœхдœр кодтой сœ зонындзинœдтœ Къостайы цард œмœ сфœлдыстады тыххœй. Зœрдиагœй бакастытсты уарзон œмдзœвгœтœ.

1 « А» къласы сабитœ кœсынц 1 « В» къласы ахуырдзаутœ

Къостайы œмдзœвгœтœ зонгœ кœнынц Къостайы

зындгонд нывтимœ

Къостайы царды бонты хабœрттœ

цымыдисаг фœкастысты скъоладзаутœм

Къостайы мысœн къуыри дарддœр ахœццœ кодта œркаст « Аив дзырды дœсны».Сабитœ равдыстой сœ дзырды арœхстдзинад куыд ирон œвзагыл,афтœ уырыссаг œвзагыл дœр.

2 къласы скъоладзаутœ бабœрœг кодтой Къостайы музей, уым фœпарахт кодтой сœ зонындзинœдтœ поэты цард œмœ сфœлдыстады тыххœй

3-4 къласы ахуырдзаутœ та Къостайы ингœны цур бакастысты сœ уарзон œмдзœвгœтœ,сœвœрдтой йыл дидинджыты баст

Къуырийы кœронбœттœны равдыст «Къостайы мысœн изœр»-ы сабитœ равдыстой сœ арœхстдзинад сценайыл.Нœ зœрдœтœ нын барухс кодтой сœ аив зард, кафт œмœ дзырдœй.

Рœвдауœндоны сабитœ дœр зœрдиагœй архайдтой бœрœгбоны бонты.Сœ зонындзинœдтœ равдыстой бацœттœгœнœн къорды сывœллœттœ клубон сахат « Нœ уарзон Къоста»-йы.

 

Метки: