07.05.2018 — 15.05.2018 прогимнази бæрæг кодта ирон æвзаджы къуыри. Бæрæгбон байгом кодта СОГПИ-йы æркаст « Ирон аив дзырды дæсны».Уым нæ ахуырдзаутæ сæхи æнтысджынæй равдыстой.
Уымæй уæлдай , прогимназийы ахуырдзаутæ 15 майы-ирон æвзаджы бæрæгбоны Ирон театры кæрты барухс кодтой æппæт Ирыстоны адæмы зæрдæтæ сæ аив дзырдæй .
Прогимназийы арæзт æрцыд олимпиадæ «Зондабитæ». Сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ равдыстой бæстæзонынад æмæ мадæлон æвзаджы темæйыл.
Уæлахиздзаутæ сты:
1-аг бынат— Хъодзаты Ацæмæз
Мæргъиты Ангелæ
Джелыты Эльдар
Къæбулты Владислав
Туаты Аслан
2-аг бынат –Мерденты Маргаритæ
Таутиаты Алан
Тадтаты Алан
Бузараты Иренæ
Дулаты Владимир
3-аг бынат — Тасойты Ланæ
Цгъойты Аланæ
Пухаты Алыксандр
Наниты Аланæ
Моурауты Марат
Гæбуты Георгий
Хуыбылты Аминæ
Бæрæгбоны кæронбæттæны скъоладзаутæ æмæ рæвдауæндоны сабитæ ерыс кодтой квест-хъазты «Кæд дæ ирон,уæд де᾿взаг зон!»
Цымыдисæй архайдтой æмæ æххæст кодтой сæ размæ æвæрд нысантæ.
Хъазты уæлахиздзаутæ:
1-аг бынат – «Къостайы фæдонтæ»
«Иры хуртæ»
«Сæрмæттæ»
«Зондабитæ»
2-аг бынат— «Цыкурайы фæрдгуытæ»
«Нарты фæсивæд»
«Ӕнгом бинонтæ»
«Алантæ»
3-аг бынат – «Фыдæлты намыс»
«Ӕвзонг талатæ»
«Франкы лæппынтæ»
«Скифтæ»
Се᾿нтыстдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй:
Рæвдауæндоны сывæллæттæ дæр æрлæууыдысты уæлахиздзауты æмрæнхъ.
Афтæ хъæлдзæг æмæ æнтысджынæй арвыста прогимнази ирон æвзаджы къуыри.
Метки: архив